Хуссар Иры ныссадздзысты сыбыраг кедры ӕртӕ мин талайы

Талатӕ республикӕйы уагдӕтты кӕртыты сагъд цӕудзысты "Зеленая Алания" ӕмӕ "Кедры России"-йы ӕмгуыстады фӕлгӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны экологон организаци "Зеленая Алания" срӕвдз кодта ӕмгуыстад уӕрӕсейаг проект "Кедры России"-имӕ. Йӕ фӕлгӕтты Цхинвалы скъолаты, сабидӕтты ӕмӕ республикӕйы районты ныссадздзысты сыбыраг кедртӕ, фехъусын кодта Sputnik бынӕттон организацийы хистӕр Габайты Зӕлинӕ.

Цхинвалы бавнӕлдтой уалдзыгон хӕрзарӕзтадон куыстытӕм

Ныридӕгӕн ист цӕуынц куырдиӕттӕ, заказ цӕттӕ кӕнынц фыццӕгӕм маймӕ.

"Майы арвитдзыстӕм нӕ заказ. Цхинвалы скъолатӕй, уагдӕттӕй, горӕты администраци ӕмӕ районы администрацитӕй нӕм ӕрбацыд куырдиӕттӕ. Организаци дзы йӕхицӕн дӕр ӕрласдзӕн горӕты ныссадзынӕн. Ӕртӕ мин талайы бӕрц ӕрласдзыстӕм", - загъта Габайты Зӕлинӕ.

Уый ма бафтыдта, талатӕ кӕй райсдзысты азы кӕрон.

"Октябры нын "Кедры России" ӕрырвитдзысты чысыл талатӕ. Кедртӕй дарддӕр ма дзы уыдзӕн ӕндӕр бӕласы мыггӕгтӕ дӕр",- балхынцъ кодта уый.