ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Спорты комплекс "Олимп" хуыцаубоны кӕронмӕ бахӕццӕ сты турнир "Сыгъзӕрин кӕсаг - 2021"-ы цыппӕрӕм этап, цы ран хайад райстой хуссарирыстойнаг ӕмӕ цӕгатирыстойнаг спортсментӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы спорт ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕйы комитеты пресс-службӕ.
Ерысты хайад райстой 170 ӕвзонг ленкгӕнӕджы ӕхсӕз кары къордӕй, кӕцытӕ сӕ тыхтӕ ӕвдыстой 100 метры дистанцимӕ комплексон ленкӕй.
"Уӕлахиздзаутӕ ссисты Уалыты Тамила ӕмӕ Цхуырбаты Георгий (2012 а.г.), Уалыты Валерия ӕмӕ Лалыты Арсен (2011 а.г.), Уалыты Даяна ӕмӕ Уалыты Александр (2010 а.г.) Беджызаты Тамила (Дзӕуджыхъӕу) ӕмӕ Никита Лягин (2009 а.г.), Тыджыты Диана ӕмӕ Тасойты Арсен (2008 а.г.), Гуыбаты Мария ӕмӕ Чиаты Михаил (2007 а.г. ӕмӕ хистӕр)", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Республикӕйы Ленк кӕныны федерацийы сӕргълӕууӕг Евгения Терлеевайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы ерысты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ сараздзысты ацӕугӕ азӕн хатдзӕгтӕ. Уый бафтыдта, разӕй чысыл ленкгӕнджытӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц квалификацион ерыстӕ, кӕцытӕ ацӕудзысты июны.