Транскамыл ӕрцыд цъыфы зӕй

Цъыфы зӕй рцыд транскавказы автомагистралыл Буроны тоннельмӕ хӕстӕг, фӕлӕ фӕндагон змӕлд не рлӕууын кодта
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн Транскавказаг автомагистралыл ӕрцыд цъыфы зӕй, фӕлӕ фӕндаггон змӕлд цӕуы трассӕйыл, фехъусын кодта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон службӕйы.

Зӕй ӕрцыд къуырисӕры сихорыл.

"Цъыфы зӕй ӕрцыд Буроны тоннельмӕ хӕстӕг, фӕлӕ фӕндагон змӕлд не рлӕууын кодта. Ныридӕгӕн трассӕ асыгъдӕг кодой", - загътой уагдоны.

УУМ ма банысан кодтой, фӕндагыл боныгъӕд кӕй у хорз, ӕнӕ дӕлдзырӕдтӕй.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.