Цхинвалы Уӕлахизы парад ӕмӕ "Ӕнӕмӕлгӕ полк" рацӕудзысты иу бон

Кӕд Уӕрӕсейы столицӕйы "Ӕнӕмӕлгӕ полчы" цыд ахастой 24 июньмӕ, уӕд Хуссар Иры та цытджын мадзӕлттӕ аскъуыддзаг кодтой иу бон ауадзын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26  апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы парад ӕмӕ Ӕнӕмӕлгӕ полк рацӕудзысты иу бон - 9 майы. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта Культурӕйы министр Зассеты Жанна.

"Стыр уӕлахизӕн нывонд мадзӕлттӕ райдайдзысты 8 майы Ӕнусон цырты цур, уый фӕстӕ мадзӕлтты хъайтарты - ветеранты - сӕрмагонд хӕдтулгӕтыл Ногдзауты паркмӕ акӕндзысты. Уым сын УФ ФӔС Арӕнгӕрон службӕ бацӕттӕ кӕндзӕн солдатон аходӕнтӕ", - загъта министр.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, кӕд Уӕрӕсейы столицӕйы "Ӕнӕмӕлгӕ полчы" цыд ахастой 24 июньмӕ, уӕд Хуссар Иры та цытджын мадзӕлттӕ аскъуыддзаг кодтой иу бон ауадзын.

Бибылты Анатолий фехъусын кодта майы ӕнӕкусӕгон бонты тыххӕй

"Парады фӕстӕ Цхинвалы Централон фӕзуаты рацӕудзӕн "Ӕнӕмӕлгӕ полк". Ацы аз йӕ рӕнхъыты уыдзӕн зынгӕ фылдӕр адӕм. Бирӕ адӕмы хъысмӕт рабӕрӕг кодтам фӕстаг рӕстӕджы ӕмӕ сын сӕ хиуӕттӕн ратдзыстӕм сӕ къамтӕ", - банысан кодта Зассеты Жанна.

Культурон уагдоны сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "Ӕнӕмӕлгӕ полчы" дыккаг колоннӕйы цӕудзысты 1989 азӕй 2008 азмӕ Фыдыбӕстон хӕстыты зынгхуыст хъайтарты хуызисттимӕ.