Цхинвалы ацӕудзӕн уӕрӕсейаг композитор ӕмӕ зарӕггӕнӕг Павел Беккерманы концерт

Хуссар Ирыстоны культурӕйы фадыджы сгуыхт кусӕг, уӕрӕсейаг зарӕггӕнӕджы репертуары ис Цхинвалӕн нывонд зарӕг дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны культурӕйы сгуыхт кусӕг, композитор ӕмӕ зарӕггӕнӕг Павел Беккерманы гом концерт. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой культурӕйы министрады пресс-службӕйы.

Концерт ацӕудзӕн 27 апрелы 16:00 сахатыл киноконцертон зал "Чермен"-ы. Автортӕн ис сӕрмагонд зарджытӕ, кӕцытӕ уый снывонд кодта Ирыстонӕн.

"Павел Беккерманы сфӕлдыстады хсӕн ис Хуссар Ирыстоны тыххӕй зарӕг "Цхинвал". Ноджы ма иу зарӕг та сынвонд кодта Беслӕнӕн - "Тревожна над Бесланом тишина", - радзырдтой.

Павел Беккерман ма Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд 2019 азы дӕр. Уӕд уый радта концерт Республикӕйы бон, стӕй ма ӕрхаста лӕвӕрттӕ Цхинвалы чысыл вокалисттӕн. Сӕ нымӕцы уыдысты мультимедион рауагъдтӕ, цы ран ист фыст йӕ музыкӕ, зарджытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕг.