"Югосетпотребнадзор"-ы радзырдтой коронавирусӕй ног рынчынты тыххӕй

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 3302 адӕймаджы, сӕнӕниз сты 2968 пациенты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрӕмбоны сбӕрӕг кодтой ӕхсӕз ног рынчыны COVID-19-ӕй, фехъусын кодта республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина. Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.

"Коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл 58 иртӕстӕй ӕхсӕз равдыстой вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Сӕйраг санитарон дохтыр бафтыдта, иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй кӕй систой фондз адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2968 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 334 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 21 783 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 302 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.