Бибылты Анатолий арвитдзӕн ныстуан Хуссар Иры адӕммӕ

Йӕ фыццаг ныстуаны адӕм ӕмӕ парламентмӕ президент банысан кодта ӕддагон ӕмӕ мидӕггагон политикӕйы сӕйраг здӕхтытӕ, афтӕ ма радта фӕдзӕхсттӕ уагдӕтты разамонджытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 апр - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий арвитдзӕн ныстуан Хуссар Ирыстоны адӕм ӕмӕ парламентмӕ 17 майы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кӕндзӕн мидӕггагон ӕмӕ ӕддагон политикӕйы сӕйраг здӕхтытӕ, афтӕ ма сбӕлвырд кӕндзӕн Республикӕ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзты къахдзӕфтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уый размӕ президент арвыста ныстуан адӕм ӕмӕ парламентмӕ 2020 азы марты. Уый уыд паддзахады сӕргълӕууӕджы фыццаг ныстуан адӕм ӕмӕ депутаттӕм.