Хуссар Иры сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты

Спортивон мадзалы призтыл тох кодтой 200 спортсмены Цхинвал, Къуаиса æмæ Дзауæй, афтæ ма Цæгат Ирыстонæй дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ацыд Стыр Фыдыбæстон хæсты хъайтар Хъоцыты Константины номарæн турнир хъæбысхæстæй. Спортивон мадзал сбæлвырд кодта 18 уæлахиздзауы хицæн уæзы категориты, фехъусын кодтой Sputnik районы пресс-службæйы.

Хуссар Иры сбæлвырд кодтой хъæбысхæсты турниры уæлахиздзауты

Призтыл тох кодтой 200 спортсмены Цхинвал, Къуаиса æмæ Дзауæй, афтæ ма Цæгат Ирыстонæй дæр.

"Мадзалы уыд бирæ уазджытæ - турнир кæй номыл цыд, уый фæдонтæ, парламенты хистæр Тадтаты Алан, районы разамонæг Джиоты Андрей. Спортсментæ равдыстой хорз тохтæ", - загъта пресс-службæйы кусæг Тедеты Лиана.

Сызгъæрин майдантæ райстой Болататы Дзамболат, Пухаты Алан, Бесаты Аслан, Сидамонты Артур, Махъоты Гия, Тыджыты Алан, Цакъоты Мартин, Гæззаты Дмитрий, Туаты Дауыт, Джиоты Артур, Гаглойты Роберт, Нарыкъаты Марат, Гæззаты Барсæг, Туаты Хетæг, Галуанты Арсæмæг, Хуыбиаты Аслан æмæ Мурийты Азæмæт.

Районы пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы турнир уыд фыццаг официалон ерыс ног арæзт спортивон бæстыхайы, кæцы самадтой президентон фонды хæрдзтæй.

Ерыстæ бацæттæ кодта районы спорты управлени Национ банчы разамонæг Джиоты Жаннайы æххуысæй.