"Нæ иумæйаг хæрзиуæг": Хуссар Ир ногæй æрбаиу уыдзæн "Уæлахизы диктантмæ"

Фыццаг хатт акци республикæйы ацыд æртæ азы размæ, уæдæн нырмæ йæ хайадисджыты нымæц кæны фылдæрæй фылдæр - ацы хатт та организатортæ æнхъæлмæ кæсынц 150-йæ фылдæр адæймагмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хуссар Ирыстон 29 апрелы радон хатт æрбаиу уыдзæн æппæтуæрæсейон акци "Уæлахизы диктант"-мæ, фехъусын кодта Sputnik республикæйы Россотрудничествойы минæварады къухдариуæггæнæг Сергей Скворцов.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз акци ацæудзæн æртæ фæзуатыл - Паддзахадон университеты,  Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы æмæ Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы.

Цхинвалы Уӕлахизы парад ӕмӕ "Ӕнӕмӕлгӕ полк" рацӕудзысты иу бон

"Уый у нæ иумæйаг хæрзиуæг, нæ фыдты æмæ дадаты мысæн мадзал, кæцытæ бавзæрстой тынг бирæ фыдæбæттæ æмæ бахъахъхъæдтой нæ райгуырæн бæстæ", - бахахх кодта Скворцов.

Уый банысан кодта, мадзалы хайад райсыны фадат кæй ис алкæмæн дæр, æрмæст æрсидт, цæмæй уыдон развæлгъау сæхи срегистраци кæной хайадисджыты иумæйаг нымæц зоныны нысанæн.

"Фæлæ æрмæст диктанты бон чи æрбацæуа, уыдоны дæр ничи расурдзæн", - банысан кодта Россотрудничествойы сæргълæууæг.

Сергей Скворцов ма фехъусын кодта, мадзалы хайад райсæн кæй ис онлайн-форматы. Уый тыххæй хъæуы бахизын сайтмæ диктантпобеды.рф æмæ дзы срегистраци кæнын инструкцимæ гæсгæ.

Фыццаг хатт акци республикæйы ацыд æртæ азы размæ, уæдæн нырмæ йæ хайадисджыты нымæц кæны фылдæрæй фылдæ. Ацы хатт та организатортæ æнхъæлмæ кæсынц 150-йæ фылдæр адæймагмæ.