Цӕгат Иры цӕрӕг аххосджын цӕуы йӕ мады амарыны

Цӕгат Ирыстоны Майрӕмададжы хъӕуы хисӕрмагонд хӕдзӕрттӕй иуы 20 апрелы ссардӕуыд 83-аздзыд сылгоймаджы мӕрдон буар кардӕй бирӕнымӕц цӕфтимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 апр - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕхсайаздзыд цӕрӕгмӕ зӕрдӕ ӕхсайы йӕ ныййарӕг мады амарыны, хъусын кӕны регионы Слестгӕнӕн комитеты слестгӕнӕн управленийы пресс-службӕ.

"Фыдгӕнӕгӕн ӕввахс рӕстӕджы равзардзысты ахӕсты амӕлттӕ ӕмӕ йын рахӕсдзысты йӕ мады амарыны фӕдыл зылынгӕнӕн скъуыддзаг", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Цӕгат Ирыстоны Майрӕмададжы хъӕуы хисӕрмагонд хӕдзӕрттӕй иуы 20 апрелы ссардӕуыд 83-аздзыд сылгоймаджы мӕрдон буар кардӕй бирӕнымӕц цӕфтимӕ.