Ныр раздæр базонын, зæххæнкъуыст кæй уыдзæн: Цхуырбаты Рената Дзауы бæллæхы тыххæй

Уый бæрц æзты фæстæ Ренатайы бон ссис йæ сывæллоны тастæ басæттын, фæлæ йын лифтмæ кæцыфæнды бахызт дæр свæййы егъау стресс. 29 апрелы æрцæугæ бæллæх фæивта чызджы цард - ныр уый цалдæр уысм раздæр банкъары, кæй уыдзæн зæххæнкъуыст
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзауы районы 30 азы размæ зæххæнкъуыст кардиналонæй фæивта Хслебы цæрæг Цхуырбаты Ренатайы цард. Уæдæй нырмæ чызг тæрсы æхгæд тыгъдадæй, стыр бæстыхæйттæй æмæ развæлгъау базоны æрдзон бæллæхы тагъд æрбацыд.

1991 азы Цхуырбаты Рената ахуыр кодта Дзауы скъола-интернаты æвдæм къласы. Зæххæнкъуысты бон – 29 апрелы адæм ацыдысты митингмæ. Æгас скъолайы ма баззадысты æрмæст дыккæгæм æмæ æртыккæгæм къласы ахуырдзаутæ. Æртыккаг къласы ахуыргæнæг сывæллæтты бафæдзæхста раздзог Цхуырбаты Ренатайæн.

Ныр раздæр базонын, зæххæнкъуыст кæй уыдзæн: Цхуырбаты Рената Дзауы бæллæхы тыххæй

"Мах уыдыстæм, скъолайы ма цы къуым нæ ныккалд, уыцы хайы. Хъазыдыстæм "Поле чудес"-æй. Тынг дымгæ сыстад, уынджы бæрзбæлæсты ниуын æмæ æнахуыр уынæр цыд. Мæхæдæг дæр ницы æмбæрстон, фæлæ сывæллæттæн загътон, уый вертолет кæй у", - мысы чызг.

Мæ фыды сæр иу æхсæвмæ сурс ис: Хуссар Иры 1991 азы зæххæнкъуыст Козаты Ренайы мысинæгты

Ренатайы ныхæстæм гæсгæ, 30 азы фæстæ дæр уый уыцы рæстæг хъуыды кæны куыд знон, афтæ.

"Уæдмæ рыгæй ницыуал зынд. Ме ʻфсымæры рог къурткæйы уыдтæн æмæ сывæллæттæ мæныл ныттыгуыр сты æмæ мын мæ къурткæйыл хæцыдысты. Цæстытæ бакæнæн нал уыд рыгæй, фæлæ дуары рдæм архайдтам ахизын. Нæ амондæн, кълас уыд тæккæ асины цур", - загъта Цхуырбаты Рената.

Зæххæнкъуысты кæлæнтæ сæхгæдтой ахуыргæнæн уагдоны рахизæн, скъоладзауты бахъуыд асины цур рудзынгæй гæпп кæнын.

"Фыццаг уæладзыджы дуарæй ахизæн нал уыд, уымæ гæсгæ бацыдыстæм куыддæрты асины цур рудзынгмæ. Йæ авг æмæ æфсæн хызæг уыдысты нырма йæ уæлæ, фæлæ бæстыхай уыд лæмæгъ æмæ æнцонæй ахаудтой. Уæдмæ рудзынджы цур февзæрдысты мæ фыд Шота æмæ сыхаг лæг Руслан, уыдон нын æххуыс кодтой бæстыхайæ рахизынæн", - бафтыдта уый.

Рената ныр дæр, кæд 30 азы рацыд, уæддæр ацы бонтæ æнæ цæссыгæй нæ мысы. Уыцы рæстæджы йæм афтæ каст, бынтон æнцонæй кæй аирвæзт, фæлæ цы фыдбылыз бавзæрста, уый фæстиуджытæ йыл фæстæдæр æртæфстысты.

Ӕнӕрлӕугӕ рыст: Хуссар Иры ссардтой 1991 азы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Сывæллæтты бæстыхайæ куы райстой, уымæй 20 минуты фæстæ ног æнкъуыст бæстыхай бынтондæр сраст кодта зæххимæ. Йæ мидæг баззадысты дыккæгæм къласы цыппар ахуырдзауы. Уыдон фæстæдæр дурты бынæй систой, æрмæст ма сæ иу аирвæзт, аннæ æртæйæн сæ нæмттæ бафыстой Дзауы зæххæнкъуысты амæттæгты хсæн.

Ацы бон кардиналонæй фæивта Ренатайы цард дæр. Йæ тас ыл æртæфст фæстæдæр, чызг хæдзармæ бахизын нал уæндыд, æрдæгаз цард хъæдын цатыры, фондз азы дæргъы та стыр бæстыхæйттæм йæ бон бахизын нæ уыд.

"Университетмæ бацыдтæн ахуырмæ, фæлæ уæддæр нырма Богирийы цы универмаг уыд, уырдæм бахизын нæ уæндыдтæн. Зондæй йæ æмбæрстон, ницы тас мын у, фæлæ мæ бон мæ тас басæттын нæ уыд", - дзуры чызг.

Уый бæрц æзты фæстæ Ренатайы бон ссис йæ сывæллоны тастæ басæттын, фæлæ йын лифтмæ кæцыфæнды бахызт дæр свæййы егъау стресс. Зæххæнкъуыст кæй уыдзæн, уый та банкъары цалдæр уысм раздæр.