Ӕнӕрлӕугӕ рыст: Хуссар Иры ссардтой 1991 азы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Ӕртын азы размӕ ӕрцӕугӕ ӕрдзон бӕллӕхы амӕттӕгтӕ баисты Дзауы районы 59 цӕрӕджы, уыдонӕй дыууынӕй фылдӕр уыдысты сывӕллӕттӕ. Ӕртӕ ахуырдзауы амардысты скъола-интернаты лӕсӕнты бын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны иууыл карздӕр зӕххӕнкъуыстӕй сӕ иуӕй рацыд ӕртын азы. Республикӕйы цыппӕрӕмы ссардтой ацы трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Фыдохы митинг ацыд Дзауы районы центры.

Хуссар Ирыстоны ссардтой зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ, кӕцы ӕрцыд Дзауы районы 1991 азы 29 апрелы. Зӕххӕнкъуысты эпицентр 9 баллы магнитудӕйы уыд Дзауы районон центры цур. Поселок ныппырх, Хахеты хъӕу та ацыд зӕххы бын йӕ 42 цӕрӕгимӕ иумӕ.

Ӕнӕрлӕугӕ рыст: Хуссар Иры ссардтой 1991 азы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Зӕххӕнкъуысты амӕттӕгтӕ ӕдӕппӕт баисты 59 адӕймаджы, уыдонӕй 21 уыдысты сывӕллӕттӕ. Амӕттӕгты нымӕц уыдаид фылдӕр, фӕлӕ уыцы бон районы къухдариуӕгад ӕрӕмбырд кодта адӕмы Гуырдзыстоны уӕды къухдариуӕгады скъуыддзаджы ныхмӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ хъуамӕ аивтаиккой Хуссар Ирыстоны Дзау ӕмӕ Знауыры административон районты статус.

Ӕнӕрлӕугӕ рыст: Хуссар Иры ссардтой 1991 азы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

"Хистӕр кары адӕм хъуыды кӕнынц, цахӕм цард уыд Дзауы районы зӕххӕнкъуысты размӕ. Фӕлӕ алцыдӕр фӕивта иу уысмӕ – амард бирӕ адӕм, ныппырх сты хӕдзӕрттӕ", - загъта районы разамонӕг Джиоты Андрей.

Уыцы зӕххӕнкъуысты уымӕн амард йӕ фыды фыд Джиоты Сардион. Уый уыд йӕ кабинеты партийы райкомы бӕстыхайы. Йӕ мӕрдон буар ын ссардтой ӕрмӕстдӕр фондз боны фӕстӕ.

Ӕнӕрлӕугӕ рыст: Хуссар Иры ссардтой 1991 азы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Абоны митинг бабӕрӕг кодта президент Бибылты Анатолий. Уый зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, зӕххӕнкъуыстӕй иу бон раздӕр, 1991 азы 28 апрелы, Хуссар Ирыстоны ӕрцыд ноджы иу трагеди – Ленингоры районы авд цӕрӕджы амардтой гуырдзиаг агрессортӕ.

"Зӕххӕнкъуыст фӕриссын кодта Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгаттаг хайы алкӕцы цӕрӕджы зӕрдӕ дӕр. Уымӕн ӕмӕ раздӕр ӕнӕхъӕн хъӕу никуы фӕцис зӕххы бын. Ирыстон уый размӕ иу уысмӕ никуы фесӕфта 21 сабийы", - загъта Бибылты Анатолий.
Ӕнӕрлӕугӕ рыст: Хуссар Иры ссардтой 1991 азы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

 

Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, кӕй нӕй гӕнӕн тох кӕнын ӕрдзимӕ, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцау ӕмӕ зӕдтӕ хъахъхъӕдтой Ирыстон, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕджы районы цӕрджытӕ уыдысты митингы.

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ссардтой зӕххӕнкъуысты рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.

Ӕнӕрлӕугӕ рыст: Хуссар Иры ссардтой 1991 азы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Бибылты Анатолий тӕфӕрфӕс ракодта фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕн, афтӕ ма йӕ цӕст бауарзта йе ‘мбӕстӕгтӕн тыхтӕ ӕмӕ тырнындзинад ирд сомбонмӕ.

Фыдохы митингы рӕстӕджы скъоладзаутӕ бакастысты ӕмдзӕвгӕтӕ, кӕцытӕ нывонд сты трагедийӕн. Районы центры цыртмӕ митингы хайадисджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ ӕмӕ веноктӕ.

Ӕнӕрлӕугӕ рыст: Хуссар Иры ссардтой 1991 азы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ