Хуссар Иры сывӕллӕтты омбудсмен аскъуыддзаг кодта иунӕг мады цӕрӕнуатон проблемӕ

Ӕвзонг мад йӕ сабиимӕ рацӕудзӕн ног фатермӕ ӕввахс рӕстӕджы, сывӕллоны бакӕндзысты сабидонмӕ ӕмӕ йын сараздзысты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ уавӕртӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны президенты цур сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕвджиддар Цуырбаты Татьяна баххуыс кодта Знауыры районы цӕрӕг Гуссалты Ингайӕн, кӕцы иунӕгӕй хъомыл кӕны йӕ сабийы, аскъуыддзаг кӕнын цӕрӕнуатимӕ проблемӕ.

Хуссар Иры сывӕллӕтты омбудсмен аскъуыддзаг кодта иунӕг мады цӕрӕнуатон проблемӕ

Цхуырбаты Татьяна куыд радзырдта, афтӕмӕй Гуссалты Ингайы цӕрӕнуатон проблемӕйы тыххӕй уыдон базыдтой ӕххуысхъуаг бинонты фӕдыл мониторингы рӕстӕджы.

"Ацы фарст аскъуыддзаг кӕныны фӕдыл мах бадзырдтам Знауыры районы сӕргълӕууӕгмӕ, цы ран фыст у Гуссалты Инга. Сиукъаты Олег бахызт мады уавӕры, кӕцы бахауд уӕззау цардуагон уавӕры", - загъта Цхуырбаты Татьяна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, рахастӕуыд скъуыддзаг, кӕцымӕ гӕсгӕ сылгоймагӕн рахицӕн кодтой иууатон фатер Знауыры поселочы.

Хуссар Иры сывӕллӕтты омбудсмен аскъуыддзаг кодта иунӕг мады цӕрӕнуатон проблемӕ
"Фатер басгӕрстой ӕмбӕлон службӕтӕ, уый фӕстӕ Знауыры районы бӕстыхайы сылгоймагӕн радтой ног фатеры дӕгъӕлтӕ", - банысан кодта сывӕллӕтты омбудсмен.

Цхуырбаты Татьяна бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕвзонг мад йӕ сабиимӕ рацӕудзӕн ног фатермӕ ӕввахс рӕстӕджы, сывӕллоны бакӕндзысты сабидонмӕ ӕмӕ йын сараздзысты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ уавӕртӕ.