Харебаты Вадим: æнæхъæн Цæгат Кавказы "Бонвæрон"-ы хуызæн ансамбль нæ уыд

Хуссар Ирыстоны адæмон артист, ансамбль "Бонвæрон"-ы уæнг Харебаты Вадим радио Sputnik эфиры радзырдта йæ сфæлдыстадон нывæзты тыххæй
Sputnik

Харебаты Вадим куыд бафиппайдта, уымæ гæсгæ ацы аз ансамбль "Бонвæрон"-ыл æххæст кæны 50 азы, æмæ уыцы рæстæджы ахæм къорд æгæрыстæмæй æнæхъæн Цæгат Кавказы дæр нæ уыд.

"Ацы аз нæ фæнды ауадзын юбилейон гуырахстджын концертн, фæнды нæ рауадзын чиныг, цы ран "Бонвæрон"-ы зарджытæй мыхуыр æрцæудзæн сæ иу хай", - банысан кодта адæмон артист.