Цхинвалы ацӕудзӕн хисӕрмагонд парадтӕ ветерантӕн

Стыр Фыдыбӕстон хӕсты дыууӕ ветеранӕн - Тедеты Николай ӕмӕ Къудухты Ефросиняйӕн цыт кӕндзысты сӕ хӕдзӕртты раз
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Стыр Уӕлахизы 76 азы сӕххӕсты цытӕн дыууӕ ветеранӕн рацӕудзӕн хисӕрмагонд парадтӕ. Цытджын марштӕ ацӕудзысты Гаглойты Владимир ӕмӕ Димитровы уынгтыл, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта культурӕйы министр Зассеты Жанна.

Хисӕрмагонд парадтӕ ацӕудзысты сӕйраг парады генералон репетициимӕ иу бон.

"Стыр Фыдыбӕстон хӕсты дыууӕ ветеранӕн, кӕцыты тын фӕнды фенын парад, фӕлӕ сӕ бон нӕу бацӕуын Театралон фӕзуатмӕ,  ацӕудзӕн хисӕрмагонд парадтӕ. Тедеты Николай ӕмӕ Къудухты Ефросиняйӕн цыт кӕндзысты сӕ хӕдзӕртты раз", - загъта министр.

 

Хуссар Ирыстонӕй Стыр Фыдыбӕстон хӕстмӕ ацыд 21 000 адӕймаджы 11 711 дзы фӕмард хӕсты, авд минӕй фылдӕр нымад цӕуынц ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл.