Гуырдзыимӕ арӕны сӕрты хизын нырма тобӕгонд у, фӕлӕ дзы ис уӕлбартӕ - РХИ ПӔК

Арӕны дыууӕ фарсӕрдыгӕй дӕр уавӕр фендыгъд ис 2019 азы августы кӕрӕттӕй фӕстӕмӕ - уӕд гуырдзиаг полици рйдыдта аразын йӕ блокпост Знауыры районы Уисты хъӕумӕ хӕстӕг арӕнгӕрон хаххыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад фӕлӕмӕгъдӕр кодта Гуырдзыстонимӕ арӕны сӕртыл хизыны тобӕтӕ республикӕйы цӕрджыты интерестӕ хынцгӕйӕ, хъусын кӕны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

"Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕй ӕнӕмӕнгхъӕуӕг кӕмӕн у Гуырдзыстоны территоримӕ ацӕуын, науӕд та фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхын, уыдонӕй алкӕцыйы куырдиатмӕ дӕр ӕркаст цӕуы индивидуалон ӕгъдауӕй ӕмӕ фылдӕр хатт, кӕд ӕмӕ цӕгӕй дӕр адӕймаджы ӕнӕмӕнг хъӕуы ацӕуын, рахӕссынц ӕвӕрццаг скъуыддзаг", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

ПӔК ма бахахх кодтой, зӕгъгӕ, "тоталон тобӕты ӕмӕ адӕмы хъысмӕтмӕ куыдфӕндыйы ахасты тыххӕй информацийӕн ницы бындур ис ӕппындӕр ӕмӕ уый у ӕрмӕстдӕр тбилисаг режимы пропагандӕйы иу хай".

Арӕны дыууӕ фарсӕрдыгӕй дӕр уавӕр фендыгъд ис 2019 азы августы кӕрӕттӕй фӕстӕмӕ - уӕд гуырдзиаг полици рйдыдта аразын йӕ блокпост Знауыры районы Уисты хъӕумӕ хӕстӕг арӕнгӕрон хаххыл.