Хуссар Ирыстоны Знауыры районы прокурор ахицæн йæ цардæй

Икъаты Юрий 12 азы къухдариуæг кодта Знауыры районы прокуратурӕйæн, йе 'нтыстыты тыххæй уый бирæ хатт æрцыд хорзæхджын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы прокурор Икъаты Юрий къуырисæры ахицæн йæ цардæй, фехъусын кодтой Генералон прокуратурæйы пресс-службæйы.

"Юрий Чермены фырты æнæрæстæджы мæлæт у тынг уæззау зиан æрмæст йæ бинонтæн æмæ хиуæттæн нæ, фæлæ йæ коллегæтæн дæр", – дзырдæуы генералон прокуратурæйы хъусинаджы.

Икъаты Юрий прокуратурӕйы органты куыста 2009 азæй фæстæмæ. 12 азы дæргъы уый къухдариуæг кодта Знауыры районы прокуратурӕйæн. Уыдис ын паддзахадон æмæ уагдонон хорзæхтæ.