Хуссар Ирыстоны сӕдӕгай адӕймӕгтӕ хайад райстой акци "Музейты ӕхсӕв"-ы

Уӕлдай цымыдис аивадӕн табугӕнджытӕм иннӕ ӕзтау ӕвзӕрын кодта "Цыкурайы фӕрдыг", фӕлӕ ӕнӕхъусдардӕй нӕ баззадысты музейы иннӕ экспонаттӕ дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 май – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны национ музей ӕрбаиу ӕппӕтдунейон акци "Музейты ӕхсӕв"-мӕ. Археологон ӕмӕ историон эскспонаттӕ, афтӕ ма фыдӕлты цардуагон ранӕуӕггонд мигӕнӕнтӕ ӕмӕ зоологийы къуым фенынмӕ дысон ӕхсӕв ӕрбацыдысты 200 адӕймагӕй фылдӕр.

Хуссар Ирыстоны сӕдӕгай адӕймӕгтӕ хайад райстой акци "Музейты ӕхсӕв"-ы

Уӕлдай цымыдис аивадӕн табугӕнджытӕм иннӕ ӕзтау ӕвзӕрын кодта "Цыкурайы фӕрдыг". Мадзал дӕр райдыдта фӕрдыгимӕ чыргъӕды цытджын ӕрбайгомӕй, кӕцы, рагон таурӕгътӕм гӕсгӕ, ӕххӕст кӕны иууыл сусӕг бӕллицтӕ дӕр.

Хуссар Ирыстоны сӕдӕгай адӕймӕгтӕ хайад райстой акци "Музейты ӕхсӕв"-ы

Мадзалы амонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ,фӕрдыгмӕ бавналыны бар уыд ӕрмӕстдӕр нӕлгоймагӕн. Афтӕ ма уый бафиппайдта, фӕрдгуытӕй иутӕ кӕй хастой бинонтӕн амонд, аннӕтӕ та фыдбылыз ӕмӕ маст.

"Цалынмӕ-иу ӕй хӕдзармӕ бахастой, уӕдмӕ хъуамӕ сбӕрӕг кодтаиккой, фӕрдыг амондхӕссӕг кӕй у", - бахахх кодта амонӕг.

Афтӕ ма уый радзырдтаЦыкурайы фӕрдыджы равзӕрды таурӕгъ дӕр.

Сӕрмагонд фынгыл ӕвӕрд уыдысты гӕххӕтты сыфтӕ, кӕцытыл мадзалмӕ ӕрбацӕуджытӕ фыстой сӕ бӕллицтӕ ӕмӕ сӕ сыгътой фӕрдыджы цур судзгӕ цырагъмӕ.

Хуссар Ирыстоны сӕдӕгай адӕймӕгтӕ хайад райстой акци "Музейты ӕхсӕв"-ы

Культурон мадзал адарддӕр иу ӕрдӕгӕхсӕвмӕ. Уазджытӕн гом уыдысты музейы дыууӕ уӕладзыг дӕр, цы ран ис археологи, зоологи, Ирыстоны истори, ирӕтты геноцид ӕмӕ СФХ залтӕ.

"Æхсæв музейы" у æрвылазон акци, кæцы нывонд у Музейты æхсæнадæмон бонæн. Ацы бон нысан кæнынц æрвылаз дæр Европæйы 42 бæстæйы. 2016 азы Хуссар Ирыстон фыццаг хатт райста хайад ацы акцийы.

Хуссар Ирыстоны сӕдӕгай адӕймӕгтӕ хайад райстой акци "Музейты ӕхсӕв"-ы