Цхинвалы бирӕпрофилон медцентры монтаж кӕнынц туаггуыры станц

Станц иу суткæ дæтдзæн 90 баллоны æмæ аххæсдзæн æгас республикæйы районты медицинон уагдæттыл дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары республикон бирæпрофилон медцентры монтажгонд цæуы туаггуыры æмбырдгæнæн резервуар. Уый Цхинвалмæ фæхæццæ цалдæр боны размæ - ацы зынаргъ лæвар Хуссар Ирыстонæн бакодтой не 'мзæххон амалиуæггæнджытæ Мæскуыйæ - Пухаты Олег, Дзуццаты Игорь æмæ Кокойты Хъазбег.

Лæппутæ зыдтой проблемæ æмæ Екатеринбурджы ссардтой, аст кубометры туаггуыр цы резервуары цæуы, ахæм ифтонггарз. Уый та у аст мин литр туаггуыр кæм цæуы, ахæм. Медцентры дохтыртæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй туаггуыры станц скусдзæн, куыддæр монтажгонд фæуа, афтæ. Ацы зынаргъ лæвар ныртæккæ цæуы монтажгонд æмæ куыддæр æвæрд æрцæуа, афтæ скусдзæнис.

"Туаггуыры цухдзинад кæд коронавирусы рæстæджы фæбæрæг, уæддæр уымæй мах фæпайда кæнæм æрвылбон дæр. Сæрмагонд балонты цы туаггуыр æрласы медицинон центр Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Хъæрæсе-Черкессийæ, уый-иу фаг уыд цавæрдæр рæстæгмæ. Ныр дохтыртæ нал тыхсдзысты, æдзух сæм уыдзæн, туаггуыр, цас хъæуы, уый бæрц", - зæгъынц медицинон кусджытæ.

Ныртæккæ республикон медицинон бирæпрофилон центры цы станц монтаж цæуы, уый иу суткæ дæтдзæн 90 баллоны æмæ аххæсдзæн æгас республикæйы районты медицинон уагдæттыл дæр.

Коронавирусон инфекцион низ куы апарахат, уæд Хуссар Иры медицинон уагдæттæн сæвзæрд проблемæ. Куыд зонæм, афтæмæй туаггуыры станц Хуссар Ирыстоны уыд раздæр дæр. Фæлæ йæ куыст æрурæдта 2008 азы. Ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныныл архайдтой æхсæнад дæр ӕмӕ Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрад дæр, фæлæ-иу хъуыддаг бакъуылымпы æхцайы фæрæзты цухдзинады аххосæй.