ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы ивгъуыд суткӕ рабӕрӕг кодтой иу ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта цыппӕрӕмы Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл дыццӕджы лабораторийы цы 30 тесты сарӕзтой, уыдонӕй иу равдыста вирусы уӕвынад", - загъта сӕйраг санитарон дохтыр.
Коцты Марина бафтыдта, иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй кӕй систой 65 адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3263 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 71 адӕймаджы.
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 512 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 334 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.