Козаты Диана: Исидоры æмдзæвгæты чиныг мæ уæлыстол ис кæддæриддæр

Курдиатджы ирон поэт Козаты Исидоры хъæбулы хъæбул Козаты Диана радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта йæ дадайы сфæлдыстыды тыххæй
Sputnik
Козаты Диана: Исидоры æмдзæвгæты чиныг мæ уæлыстол ис кæддæриддæр

Дунейы стыр цинау – нæ цин,
Фæлæ йыл ма кæн хахуыр.
Зæххыл куынæ цæрикой Ир,
Уæд дуне уаид къахыр!

Ацы рæнхъытæ сты зындгонд ирон поэт Козаты Исидоры фыст. Ацы аз фыссæгыл сæххæст уыдаид 92 азы. Козаты Диана куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Исидор йæ хъæбулы хъæбултæй æрмæст уый æрыййæфта - æгæр раджы ахицæн йæ цардæй.

"Университеты куыд ахуыр кодтон, уæд нын ирон æвзаг æмæ литературæ касти Хъазиты Мелитон. Лекцийыл иухатт бакаст Исидоры зындгонд рæнхъытæ, стæй бафарста студентты, ома исчи зоны, ацы ныхæсты автор чи у, уый. Хъыгагæн сæ ничи зыдта, стæй уæд мæнмæ фæкомкоммæ ис, æмæ мæ бафарста, зæгъгæ йæ ды дæр нæ зоныс? Сдзуапп ын кодтон – Козаты Исидоры ныхæстæ сты", - æрымысыд Диана.

Уый ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ фæлварæнты рæстæджы ма иу хатт Хъазиты Мелитон бахæс кодта, цæмæй исты æмдзæвгæ бакæса.

"Мæ хъуыдымæ æрцыд Исидоры æмдзæвгæ "Цы дæн æнæ дæу?", Ирыстоныл зарыд æдзухдæр мæ фыдæл. Фæстаг рæнхъытыл мæнæн дæр суынгæг мæ зæрдæ æмæ Мелитонæн дæр", - радзырдта чызг.

Диана ма куыд банысан кодта, афтæмæй хæрз чысыл уыд, Исидор куы фæзиан ис, уæд, фæлæ йæм хатгай афтæ фæкæсы, цыма йæ хъуыды кæны.