Нӕй йын бамбарӕн ӕмӕ рохгӕнӕн: Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ

Фыдохы мадзӕлттӕм Зары фӕндаг ӕрӕмбырд кодта сӕдӕгай адӕмы, уыдон сӕвӕрдтой дидинтӕ фӕмардуӕвджыты цыртмӕ ӕмӕ сын иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ссардтой сӕ рухс нӕмттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 май - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕ, бӕстӕйы министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты, парламенты минӕвӕрттӕ, студенттӕ, афтӕ ма республикӕйы къухдариуӕгад президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй ӕрбацыдысты цырты цурмӕ, кӕцы сарӕзтой ацы трагикон датӕйы мысӕнӕн.

Нӕй йын бамбарӕн ӕмӕ рохгӕнӕн: Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ

Хуссар Ирыстоны фӕстаг 29 азы дӕргъы 20 май у фыдохы бон. Ацы бон 1992 азы Зары фӕндагыл гуырдзиаг экстремисттӕ бабадтысты сабыр цӕрджытимӕ машинӕты колоннӕйы раз ӕмӕ сӕ ныццагътой. Фӕмард сты 33 адӕймаджы - сылгоймӕгтӕ, ацӕргӕ адӕм, сывӕллӕттӕ. Сӕ иууыл кӕстӕрыл цыд 11 азы, хистӕрыл та — 76.

Нӕй йын бамбарӕн ӕмӕ рохгӕнӕн: Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ

Фыдохы мадзал райдыдта фӕдисы дзӕнгӕрӕджы хъӕрӕй. Уый фӕстӕ ранымадтой трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ. Бакодта митинг газет "Хурзӕрин"-ы сӕйраг редактор Гӕбӕраты Юрий.

"Ирыстон бирӕ трагикон цаутӕ бавзӕрста. Знаг нӕ аууӕрста нӕ адӕмӕн мӕнгардӕй знаггад кӕныныл. Мах хъуыды кӕнӕм алкӕцы адӕймаджы дӕр, кӕцы фӕмард знаджы къухтӕй. 29 азы дӕргъы мах цӕуӕм ардӕм, додой кӕнӕм ӕмӕ мысӕм ӕнӕазымӕй фӕмардуӕвӕг ирӕтты. Хуыцау нын уыцы хорзӕх радтӕт, цӕмӕй фенӕм, аххосджынтӕ ӕфхӕрд куыд ӕрцӕудзысты. Мах тугисынмӕ нӕ сидӕм, мах сидӕм рӕстдзинадмӕ", - загъта уый.

Паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий 20 май схуыдта Хуссар Ирыстоны сау бон, -"ацы бон ничиуал сараздзӕн чындзӕхсӕв, нал райхъуысдзӕн цины хъӕр".

"Нӕй бамбарӕн ӕмӕ рохгӕнӕн ахӕм хъуыддагӕн. Нӕй бамбарӕн, куыд ныццагътой сылгоймӕгты, карджынты ӕмӕ сабиты. Куыд тугдзых уыд знаг, куыд сæ удхæссæг уыд ирон наци æмæ афтæ æгъатырæй мардтой сабыр цæрджыты", - банысан кодта президент.

Нӕй йын бамбарӕн ӕмӕ рохгӕнӕн: Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ

Бибылты Анатолий ма бафтыдта, ныфс æй кæй ис, ацы фыдракæнды азымджынтæ æфхæрд кæй ӕрцæудзысты.

Фыдохы мадзæлттæм æрцыд Цæгат Ирыстоны делегаци дӕр. "Стыр ныхасы" хистæры хæдивæг Еналдыты Хъазбег тæфæрфæсы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны разамынад æмæ адæмы номæй.

"Ирон диаспорӕты минæвæрттæ бирæ бæстæтæй дзырдтой, уыдон дæр фæндыд фехъусын кæнын сæ тæфæрфæстæ митинджы. Ацы трагеди ныууагъта арф фæд æппæт ирæтты зæрдæты. Кæд ныр хицӕн стæм географион æгъдауæй, уæддæр мæ зæрдæ зæгъы, тагъд рæстæджы цы баиу уæм", - загъта уый.

Президенты æххæстбарджын Джиоты Мурæт банысан кодта, Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы арæх кӕй дзурынц ирон адæмы геноцидыл, сæрмагондæй та 1991 азы 20 майы Зары фæндагыл æрцæугæ бæллæхыл.

"Хуыцау кæмæн стæрхон кодта, уыдонæй дарддæр сæ æфхæрд ничи баййӕфта. Мах æппæт фæзуӕттыл дӕр дзурӕм ацы фарстыл. Хъуамæ нæ фехъусой. Сабыр адæмы чи ныццагъта, уыдон хъуамæ æфхæрд ӕрцæуой", - бахахх кодта Джиоты Мурæт.

Фыдохы мадзал ахицæн æхстæй æмæ Хуссар Ирыстон сгуыхт артист Сланты Ацæмæзы фыдохы куывд-зарæгæй.