Хуссар Иры иу суткӕмӕ не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты

Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы коронавирусон инфекцийӕ фӕрынчын сты 3334 адӕймаджы, ивгъуыд суткӕ низ рафӕлгъауыны нысанӕн сарӕзтой 25 тесты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ нӕ рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй иу ног рынчыны дӕр, фехъусын кодта майрӕмбоны Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл лабораторийы сарӕзтой 25 иртӕсты, фӕлӕ уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Ацы рӕстӕджы ма медицинон хыгъдӕй систой 56 пациенты, бафтыдта сӕйраг санитарон дохтыр. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 15 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 352 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 334 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Сӕнӕнизуӕвджыты нымӕц схызт 3319 онг.