Хуссар Ирыстоны театруарзджытӕм тагъд ӕнхъӕлмӕ кӕсы премьерӕ - паддзахадон драмон театры сценӕйыл равдисдзысты Джордж Байроны поэмӕ "Дон Жуан". Сӕйраг роль ӕххӕстгӕнӕг Мамиты Григорийы хъуыдымӕ гӕсгӕ, "Дон Жуан" ӕхсӕнадӕн ӕвдисы йӕ цурондзинад.
"Мӕнмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕгъауджын адӕймаг у, ӕмӕ йӕ уӕздандзинады сӕрты ахызт, цӕмӕй ӕхсӕнадӕн равдиса, цы сты, уый", - загъта Григорий.
Актеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Дон Жуаны хъуыдтӕгтӕ ирдӕй ӕвдисынц ӕхсӕнады цурондзинадӕн кӕй ис стыр бартӕ лӕвӕрд ӕмӕ дзы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймагӕн кӕй нӕй бынат.
"Хуыцау ӕй кӕй нӕ уырны, уый дӕр барӕй арӕзт у, фӕстагмӕ йӕ ӕвдисы, афтӕ цӕргӕйӕ кӕй суыдзыстӕм хъӕддаг сырдты хуызӕн", - бафиппайдта Григорий.
Уый ма куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ режиссер спектакль ӕвӕргӕйӕ райста авторы хъуыды, ӕмӕ кӕд поэмӕ "Дон Жуан" XVI ӕнусы фыст ӕрцыд, уӕддӕр цыппар ӕнусы фӕстӕ дӕр у актуалон.
Хуссар Ирыстоны драмон театры сценӕйыл спектакль "Дон Жуан" ӕвӕры ӕвзонг режиссер Джелыты Хъазбег.