ЦХИНВАЛ, 21 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци ацӕудзӕн Сириаг Арабаг Республикӕмӕ (САР) президентон ӕвзӕрстыты ӕхсӕнадӕмон мониторингы тыххӕй, фехъусын кодта парламенты спикер Тадтаты Алан.
"Ӕхсӕз адӕймаджы скондӕй делегаци цӕуы кусӕгон балцы Сириаг Арабаг Республикӕмӕ. Дыууӕ адӕймаджы парламентӕй, ӕртӕ – президенты администрацийӕ ӕмӕ иу та Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадӕй. Балцы сӕйраг нысан у мониторинг кӕнын президентон ӕвзӕрстытӕ" – хъусын кӕны спикеры ныхӕстӕ закондӕттӕг органы пресс-службӕ.
Тадтаты Алан бафтыдта, балцы фӕлгӕтты ма кӕй нывӕндынц ауадзын дыууӕварсон фембӕлдтӕ, сӕ нымӕцы САР парламенты сӕрдаримӕ дӕр.
"Уыимӕ иумӕ ацӕудзӕн фембӕлд БААС партийы (Сирийы сӕйраг парти) къухдариуӕгадимӕ, афтӕ ма Сирийы алыгъуызон политикон архайджытимӕ. Уырны мӕ, нӕ балц кӕй уыдзӕн пайдаджын. Ныртӕккӕ скъуыддзаг цӕуы Хуссар Ирыстоны минӕварады баконды фарст Сирийы. Делегаци фӕстӕмӕ куы ӕрыздӕха, уӕд ратдзӕн ӕххӕст информаци Сириаг Арабаг Республикӕйы уӕвынады фӕдыл", - бахахх кодта парламенты сӕрдар.
Спикер ма зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, Хуссар Ирыстоны парти "Иугонд Ирыстон" ӕмӕ БААС хсӕн бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл бафыстӕуыд 2019 азы, хуссарирыстойнаг делегацийы балцы рӕстӕджы Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй.
Сирийы президентон ӕзӕрстытӕ ацӕудзысты 26 майы. Сириаг лидеры бынатмӕ ис ӕртӕ кандидаты, сӕ нымӕцы Сирийы ныры президент Башар Асад дӕр. Йӕ конкуренттӕ уыдзысты раздӕры паддзахадон министр Абдалла Саллюм Абдалла ӕмӕ Махмуд Ахмед Мураи, кӕцы у патриотикон оппозицийы минӕвар ӕмӕ 2018 азӕй фӕстӕмӕ лӕууы Сириаг демократион фронты сӕргъ.
Сирийы ивгъуыд президентон ӕвзӕрстытӕ ацыдысты 2014 азы, уӕд Асад райста ӕвзарджыты хъӕлӕсты 88%.