Хуссар Иры парламенты спикер ӕмӕ ПА хистӕр ныццыдысты Сиримӕ цӕстдарджыты хуызы

Делегаци йӕ хъус дардзӕн бӕстӕйы президенты ӕвзӕрстытӕм, кӕцытӕ ацӕудзысты 26 майы. Паддзахады къухдариуӕггӕнӕджы бынатмӕ тырныц ӕртӕ кандидаты, се 'хсӕн архайгӕ президент Башар Асад дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 май - Sputnik. Сиримӕ ныххӕццӕ сты Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ республикӕйы парламенты сӕрдар Тадтаты Аланы сӕргълӕудӕй, кӕцытӕ ралӕудзысты президентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджытӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны ФХМ пресс-службӕ. 

Цӕстдарджытӕ Хуссар Ирӕй ацӕудзысты президентон ӕвзӕрстытӕм Сиримӕ

Парламенты спикерӕй дарддӕр ма делегацийы сконды сты президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Козаты Игорь ӕмӕ президенты уынаффӕгӕнӕг Дзӕгъиаты Уырызмӕг. Балцы фӕлгӕтты уыдонӕн ацӕудзӕн цалдӕр фембӕлды.

Сирийы президентон ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 26 майы. Паддзахады къухдариуӕггӕнӕджы бынатмӕ тырныц ӕртӕ кандидаты, се 'хсӕн архайгӕ президент Башар Асад дӕр.

Уымӕй размӕ Сирийы ӕвзӕрстытӕ ацыдысты 2014 азы, уӕд Асад райста хъӕлӕсты 88% фылдӕр. Конституцимӕ гӕсгӕ, республикӕйы сӕргълӕууӕгӕн ма бар ис ноджы авд азы хистӕриуӕгавд кӕнын.