Хуссар Ирыстоны фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ - президенты хӕслӕвӕрд

Хуссар Ирыстоны пенситӕ ивгъуыд аз индексацигонд ӕрцыдысты ӕхсӕз процентӕй фылдӕрӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 май - Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта Хуссар Ирыстоны хицауадӕн ссарын фадӕттӕ пенситӕ фӕфылдӕр кӕнынӕн.

Уый тыххӕй бӕстӕйы сӕргълӕууӕг фехъусын кодта йӕ ныстуаны адӕм ӕмӕ парламентмӕ.

"Пенсион ифтонгады фӕдыл мах ссардтам ресурстӕ 2020 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ пенситӕ 6,6 проценты фӕфылдӕр кӕнынӕн. Хӕслӕвӕрд дӕттын хицауадӕн бакусын ӕмӕ сифтонг кӕнын пенситы фӕфылдӕр ноджы 6,6 проценты онг 2021 январӕй фӕстӕмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Раздӕр ма уый фехъусын кодта, фӕфылдӕргонд мыздтӕ республикӕйы кӕй райсдзысты июны.