Цхинвалы ацӕудзӕн хӕрзаудӕн концерт автокатастрофӕйы бахауӕг чызджы тыххӕй

Битеты Сабинайы ӕнӕниздзинад бахъыгдард ис 2016 азы автокатастрофӕйы фӕстиуӕгӕн. Хӕрзаудӕн концерт ацӕудзӕн 5 июны, ПККЗ "Чермен"-ы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 май – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы дӕлбар хореографион къорд "Кафт" ратдзӕн хӕрзаудӕн концерт Цхинвалы. Мадзалы фӕрӕзтӕ здӕхт ӕрцӕудзысты аварийы бахауӕг чызгӕн, фехъусын кодта Sputnik къорды аивадон къухдариуӕггӕнӕг, республикӕйы сгуыхт артист Майя Четион.

Битеты Сабинайы ӕнӕниздзинад бахъыгдард ис 2016 азы автокатастрофӕйы фӕстиуӕгӕн.

"Ансамбль "Кафт" ӕрвылаз дӕтты хыгъдон концерт, ацы аз ӕй организаци кӕнӕм ӕндӕр форматы - хӕрзаудӕн мадзалы хуызы. Чызджы ӕнӕниздзинад фӕцудыдта аварийы фӕстӕ ӕмӕ нӕ фӕрӕзтӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты уымӕн", - загъта Майя Четион.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сценӕмӕ ракӕндзысты скъоладзауты ног фӕлтӕры.

"Хистӕр фӕлтӕр скъола фӕцис, ныр ансамблы сконд ранӕуӕг ис. Бирӕ фӕсивӕд рахиздзысты сценӕмӕ фыццаг хатт", - бафтыдта къорды къухдариуӕггӕнӕг.

Концерт ацӕудзӕн 5 июны, ПККЗ "Чермен"-ы.