Хуссар Иры ӔХМ хистӕр царды гъӕдыл схӕцын ӕмӕ мӕлынад фӕкъаддӕр кӕныны тыххӕй

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уагдоны сӕйраг хъусдард здӕхт уыдзӕн фыццаджы медико-санитарон ӕххуысы гъӕд фӕхуыздӕр кӕнынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 май – Sputnik, Козаты Диана. Фыццаджы медико-санитарон ӕххуысы гъӕдыл баст у тагъд ӕххуысы службӕйы куыст ӕмӕ сӕрмагонд медицинон ӕххуыс бакӕныны ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад. Уый тыххӕй дыццӕджы журналисттӕн загъта Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.

Коронавирусимӕ тохгӕнӕг хуссарирыстойнаг медиктӕн ратдзысты паддзахадон хорзӕхтӕ

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады (ӔХМ) сӕргълӕууӕг Sputnik пресс-центры ауагъта йӕ фыццаг пресс-конференци. Наниты Сослан загъта йӕ хъуыды республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады райрӕзты программӕйы фӕдыл.

"Фыццаджы медико-санитарон ӕххуысы гъӕд бандавдзӕн тагъд ӕххуысы куысты бӕрӕггӕнӕнтыл, афтӕ ма сӕрмагонд медицинон ӕххуысыл дӕр. Медицинӕйы ацы фадыг куыд куса, ууыл баст у тагъд ӕххуысы службӕйы куыст ӕмӕ сӕрмагонд медицинон ӕххуыс бакӕныны ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад", - загъта министр.

Наниты Солан радзырдта, ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн кӕй сараздзысты фыццаджы медико-санитарон ӕххуыс бакӕныны фӕдыл нывӕзтытӕ, рахицӕн кӕндзысты пациентты къордтӕ, кӕцытӕ арӕх рынчын кӕнынц алыгъуызон низтӕй. Уый банысан кодта, ацы къордты адӕмы кӕй хондзысты уӕлӕмхасӕн багӕрстмӕ, уый та фадат ратдзӕн нывӕзтон форматы уадзын госпитализаци.

"Ацы мадзӕлтты руаджы фӕфылдӕр уыдзӕн царды гъӕд ӕмӕ фӕкъаддӕр кӕндзӕн мӕлынад. Логикӕ у ӕнцонӕмбарӕн", - баныфсӕвӕрдта министр.

Цӕмӕй саразой ацы къордтӕ ӕмӕ адресон ӕххуыс кӕной адӕмӕн, уый тыххӕй арӕзт цӕудзӕн систематикон комплексон диспансеризаци. Мадзалы сӕйраг нысан у развӕлгъау сбӕрӕг кӕнын низ ӕмӕ йӕм хъус ӕрдарын.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад цы мадзӕлттӕ аразы, уый фӕдыл цӕрджытӕ информаци исдзысты уагдоны ног гъӕдджын сайтӕй.

Министр ма баныфсӕвӕрдта, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн кӕй уыдзӕн оперативон реакци цӕрджыты бадзырдтӕм.