ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзӕуджыхъӕуы байгом Дыккаг ӕхсӕнадӕмон зонадон-практикон конференци "Архитектоника медиапространства Северной и Южной Осетии: глобальные вызовы, технологии, самоконтроль". Мадзалы хайад исынц Хуссар Ирыстон, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары журналистон ӕхсӕнад.
Ӕртӕварсон фембӕлд ӕрбамбырд кодта ДИФ дӕсгай минӕвӕртты.
"Ӕхсызгон нын у ӕгас цу зӕгъын. Уӕлдай дӕр та Кӕсӕг-Балхъары журналисттӕн, уыдон сты фыццаг, хуссараг ӕфсымӕрты ӕз уазджытӕ нӕ хонын. Хъыгагӕн, сӕ бон не ссис рацӕуын Белорусаг минӕвӕрттӕн", - загъта Цӕгат Ирыстоны мыхуыры комитеты хистӕр Фидараты Юрий.
Хуссар Ирыстоны мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты сӕрдар Хъотайты Мария йӕ раныхасы банысан кодта, конференцийы куысты кӕй хъавыд хайад райсынмӕ республикӕйы президент Бибылты Анатолий, фӕлӕ йын объективон аххосӕгтӕм гӕсгӕ нӕ бантыст. Хъотайты Мария фехъусын кодта паддзахады разамонӕджы ӕрхуынд радон конференци Цхинвалы ауадзыны тыххӕй.
Комитеты разамонӕг ма бузныг загъта йӕ цӕгатирыстойнаг коллегӕтӕн се 'ххуысы тыххӕй.
"Ивгъуыд аз Хуссар Ирыстоны ацыд 100 размӕ геноциды мысӕн мадзӕлттӕ. Бузныг мӕ фӕнды зӕгъын нӕ цӕгаттаг коллегӕтӕн, уыцы темӕ ӕнӕхъусдард кӕй нӕ ныууагътой ӕмӕ кӕй ӕххуыс кодтой нӕ журналисттӕн Цӕгат Ирыстоны куысты рӕстӕджы", - загъта Хъотайты Мария.
Нывӕзтмӕ гӕсгӕ, уынаффӕ цӕудзӕн пандемийы рӕстӕджы ДИФ куыстыл, Хуссар Ирыстоны журналистты цӕстӕнгасӕй Аланийы дзуарӕфтыд райсыныл ӕмӕ ӕндӕр вазыгджын темӕтыл. Боны дыккаг хайы та ацӕудзӕн журналистты командӕты хӕларадон фембӕлд футболӕй.