ЦХИНВАЛ, 26 май - Sputnik. Сирийаг Арабаг республикӕмӕ балцы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны парламенты спикерТадтаты Алан ӕмӕ Сирийы Адӕмон ӕмбырды сӕрдар Хаммуд Саббах ӕруынаффӕ кодтой дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ӕхсӕнпарламентон ӕмгуыстад сфидар кӕныны фарстытыл. Фембӕлд ацыд Сирийы президентон ӕвзӕрстытӕм Хуссар Ирыстоны делегацийы ныццыды фӕлгӕтты, хъусын кӕны РХИ закондӕттӕг органы пресс-службӕ.
Сириаг лидеры ӕвзӕрстытӕ уагъд цӕуынц ӕртыццӕджы, 26 майы - паддзахады къухдариуӕггӕнӕджы бынатмӕ тырныц ӕртӕ кандидаты, се 'хсӕн архайгӕ президент Башар Асад дӕр. Хуссар Иры минӕвӕрттӕ хуынд ӕрцыдысты ӕвзӕрстытӕм цӕстдарджыты хуызы.
Хуссарирыстойнаг спикеримӕ фембӕлды рӕстӕджы Хаммуд Саббах банысан кодта, ӕнӕмӕнгхъӕуӕг кӕй у ӕнгом ӕхсӕнпарламентон ахастытӕ сфидар кӕнын Сири ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн, кӕрӕдзиимӕ фӕлтӕрддзинад дих кӕнын.
Тадтаты Алан, куыд делегацийы хистӕр, бузныг загъта сирийаг фарсӕн сӕ фӕхуынды тыххӕй.
"Ацы ӕвзӕрстытӕн ис стыр нысаниуӕг Сирийы уавӕр ӕрнывыл кӕныны ӕмӕ йӕ ирд фидӕны тыххӕй. Нӕ республикӕ уемӕ ис, мах дарддӕр кусдзыстӕм хӕларадон ахастытӕ райтынг кӕныныл. Сири ӕппӕт дунейӕн у цивилизацийы авдӕн ӕмӕ мӕ фидарӕй уырны, бӕстӕ дарддӕр кӕй фидар кӕндзӕн ӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн", - загъта спикер.
Фембӕлды ма хайад райстой Адӕмон ӕмбырды Бюройы уӕнгтӕ, Сири ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕларады парламентон къамисы минӕвӕрттӕ, афтӕ ма хуссарирыстойнаг делегацийы уӕнгтӕ.