Хуссар Иры районты фесты æфсирон культурæтæ тыд

Цæмæй байтыдты фæзуæттæй фæззæджы хъæздыг тыллæг райсой, уый тыххæй сæ хъæуы знаггадæй бахизын, стæй ма сæм хъацæнтæ бахæссын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 май – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны фермерон хæдзарадтæ æмæ хицæн зæхкусджытæ фесты æфсирон культурæтæ тыд. Ацы куыстытæм бавналынц фæззæджы мæйты æмæ фæвæййынц уалдзæджы фæстаг мæйы æмбисты.

Знауыры районы уалдзыгæнд культурæ – хъæбæрхор - хæдзарадтæ æрцæттæ кодтой рагацау, мæр афæлдæхтой æмæ йæ уый фæстæ та культиваци скодтой.

"Хæдзарадтæ æдæппæт хъæбæрхор байтыдтой 400 гектары фæзуатыл. Куыстытæ æвæстиатæй ахицæн кæныныл хъазуатонæй бакуыстой механизатортæ. Уыдон иу бон мæр культиваци кодтой, дыккаг бон та - таугæ. Иууыл фылдæр - фæйнæ 50 гектары - тыд æрцыд Кокойты Дмитрий æмæ Пухаты Эдуардæн, афтæ ма уалдзыгон культурæтæ байтыдтой Джиоты Лавер, Гогинашвили Мераб æмæ æндæртæ", - загъта районы тракторон бригадæйы хистӕр Наниты Анатолий.

Хъæууонхæдзарадон куыстытæ æххæст кæныны хорз фæлтæрддзинад ис Ленингоры районы хæдзарадтæм. Уыдон æрвылаз дæр æфсирон культурæтæ байтауынц дзæвгар, рæстæгыл сæххæст кæнынц агротехникæйы домæнтæ æмæ сæ æрзайын кæнынц хъæздыг тыллæг.

Бынӕттон ӕрыскъӕф ӕмӕ Саулохты Галинайы чысыл фазендӕ

Районы тракторон бригадæйы бригадир Габеты Хвича йæ комкоммæ хæсæй дарддæр кусы тракторыл дæр æмæ æппæт куыстытæ сæххæст кæны йе ‘мбал механизатортимæ цæсгомджынæй.

"Районæн фæззыгæнд мæнæу æмæ хъæбæрхоры культурæтæ тыд æрцыд 1300 гектары æмæ æппæт куыстыты дæр активон хайад райстой нӕ бригадӕйы уӕнгтӕ. Æфсирон культурæты дыууæ хуызы дæр тыд æрцыдысты Цъинагар, Орчъосан æмæ Абреуы æхсæнадон зæххытыл", - зæгъы бригадир.

Цæмæй байтыдты фæзуæттæй фæззæджы хъæздыг тыллæг райсой, уый тыххæй сæ хъæуы знаггадæй бахизын, стæй ма сæм хъацæнтæ бахæссын. Уыцы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг куыст дæр рох нæу хæдзарадты разамонджытæй æмæ сæм механизатортæ ацы бонты хæссынц минералон хъацæнтæ.