Рынчындоны радзырдтой Цхинвал-Знауыр фӕндагыл ФТЦ бахауӕг скъоладзауты уавӕры тыххӕй

Авари ӕрцыд дыццӕджы изӕры. Фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕйыл, кӕцы сӕмбӕлд электрохызӕгтыл ӕмӕ бӕласыл, скъӕрдта Хуссар Ирыстоны столицӕйы 16-аздзыд цӕрӕг. Уый ӕмӕ йӕ пассажирты буары цӕфтимӕ бакодтой РБМЦ сывӕллӕтты рынчындонмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 мая - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвал – Знауыр фӕндаджы аварийы бахауӕг скъоладзаутӕй иуы уавӕр у уӕззау, фехъусын кодта Sputnik Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) сывӕллӕтты рынчындоны сӕйраг дохтыр Джиоты Луиза.

МХМ информацимӕ гӕсгӕ, ӕртӕ скъоладзауы хайадистӕй фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) ӕрцыд дыццӕджы изӕры. "Toyota Mark-X" хӕдтулгӕйыл скъӕрдта Цхинвалы 16-аздзыд цӕрӕг, уый нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд электрохызӕгты цӕджындзыл ӕмӕ бӕласыл. ФТЦ фӕстиуӕгӕн шофыр ӕмӕ дыууӕ пассажиры – Цхинвалы 14 ӕмӕ 15-ыздзыд цӕрджытӕ – бакодтой РБМЦ-мӕ.

Рынчындоны радзырдтой Цхинвал-Знауыр фӕндагыл ФТЦ бахауӕг скъоладзауты уавӕры тыххӕй

Рынчындоны сӕйраг дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕззау уавӕры уӕвӕг пациентӕн уайтагъд сарӕзтой операци.

"Уымӕн сарӕзтой операци, йӕ уавӕр нырма дӕр у уӕззау. Дыккаг пациенты уавӕр у рӕстӕмбис. Ӕртыккаджы медицинон ӕххуыс нӕ бахъуыд", - загъта Джиоты Луиза.

Дыццӕджы (ацы бон Хуссар Ирыстоны уагъд цыдысты бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ "Фӕстаг дзӕнгӕрӕджы" цытӕн) МХМ кусджытӕ рейдты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой авд цауы, хӕдтулгӕтыл ӕнахъомтӕ куы скъӕрдтой. Фӕткхалджыты хӕдтулгӕтӕ бакодтой барадхъахъхъӕнӕг органы фильтрацион центрмӕ.