"Югосетпотребнадзор"-ы загътой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ COVID-19-ы фӕдыл

Бон раздӕр республикӕйы нӕ рабӕрӕг ис иу ног рынчын дӕр, абоны онг фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3337 онг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы ивгъуыд суткӕ рабӕрӕг кодтой дыууӕ ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл ӕртыццӕджы лабораторийы цы 51 тесты сарӕзтой, уыдонӕй дыууӕ равдыстой вирусы уӕвынад", - загъта сӕйраг санитарон дохтыр.

Коцты Марина бафтыдта, дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл абоны бон кӕй сты фараст адӕймаджы.

Ивгъуыд суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой дыууӕ адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3328 онг.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 674 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 337 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.