Хуссар Иры юстицийы министр радзырдта, куыд кусдзӕн цӕрӕнуатон политикӕйы ног закон

Республикӕйы цӕрджытӕн фадат уыдзӕн паддзахадӕй арендӕйы райсын цӕрӕнуат ӕмӕ уый фӕстӕ балхӕнын фатер
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 май – Sputnik, Козаты Диана. Цӕрӕнуатон политикӕйы фӕдыл закон ӕввахс рӕстӕджы барвитдзысты Хуссар Ирыстоны парламенты ӕркастмӕ, фехъусын кодта Sputnik пресс-конференцийыл юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕ.

Хуссар Иры юстицийы министрад цӕттӕ кӕны ног закон цӕрӕнуатон политикӕйы фӕдыл

Президент Бибылты Анатолий фарон банхъардта ӕмбӕстӕгтӕн исын фатертӕ арендӕйы, цӕмӕй скъуыддзаг ӕрцӕуа цӕрӕнуатон проблемӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕг банхъардта саразын цӕрӕнуатон фонд, кӕцыйы цӕрӕнуат дӕтдзысты бадзырдтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ уыдзӕн фадат йӕ балхӕнынӕн дӕр.

"Ацы функцитӕ Юстицийы министрадмӕ нӕ хауынц, фӕлӕ нын 2020 азы бахӕс кодтой саразын закон цӕрӕнуатон политикӕйы фӕдыл. Ацы законы бындурыл арӕзт ӕрцыд законы проект, кӕцы социалон ӕххуырстӕй дарддӕр дӕтты цӕрӕнуат ӕххуырсты, цӕмӕй уый фӕстӕ фадат уа балхӕнын фатер", - банысан кодта Лалыты Зӕлинӕ.

Хуссар Иры юстицийы министр радзырдта, куыд кусдзӕн цӕрӕнуатон политикӕйы ног закон

Министр бахахх кодта, законы проектмӕ гӕсгӕ, ӕмбӕстаг, кӕцыйы хъӕуы цӕрӕнуат кӕнӕ йӕ фӕнды фӕхуыздӕр кӕнын йӕ цардуагон уавӕртӕ, хъуамӕ бадзура горӕт ӕви районы администрацимӕ, слӕууа хыгъды ӕмӕ бафысса ӕххуырсты бадзырд, цӕмӕй йын радтой цӕрӕнуат, кӕцы гӕнӕн ис стӕй балхӕнын.

"Ӕлхӕныны суммӕ нӕ уыдзӕн фылдӕр цӕрӕнуаты хиаргъӕй. Дзырд нырма цӕуы фатертыл", - загъта Лалыты Зӕлинӕ.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, законы проект нырма ис президенты администраци ӕмӕ хицауады аппараты ӕркастмӕ. Фидӕн къуыри йӕ барвитдзысты республикӕйы парламентмӕ. Лалыты Зӕлинӕ баныфсӕвӕрдта, законы проект тагъд рӕстӕджы кӕй райсдзысты.