Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ

Ацы къуыри республикӕйы цӕрджытӕ банысан кӕндзысты Хӕдбардзинад расидыны акт бафыссыны 29-ӕм афӕдзыбон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сабаты, 29 майы банысан кӕндзысты Хӕдбардзинад расидыны бон, уый цытӕн республикӕйы цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕртӕ улӕфт боны. 

Ацы аз бӕрӕгбон ӕрхаудта сабатмӕ, уымӕ гӕсгӕ улӕфт бон рахастой къуырисӕрмӕ, 31 маймӕ. Уый адыл, бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ мысӕн датӕты къӕлиндармӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны кусӕгон ӕхсӕнад баулӕфдзӕн ӕртӕ боны фӕд-фӕдыл - 29-31 майы.

Хуссар Ирыстоны иууыл сӕйрагдӕр документтӕй иу - Хӕдбардзинад расидыны Акт - райста республикӕйы Уӕлдӕр совет 1992 азы 29 майы. Президенты барамындмӕ гӕсгӕ, ацы датӕ бахастой Хуссар Ирыстоны бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ.