Пайдаджын куыст: Хуссар Иры иунӕг чызг-таксист йӕ ног профессийы тыххӕй

Бурдзалыг чызг-таксист ӕхсӕз мӕймӕ ссис ныййарджыты уарзон шофыр ӕмӕ таксийы службӕйӕ арӕх ӕрдомынц сидӕн "Второй"-ы хицауы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 май – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Цхуырбаты Ирина у иунӕг чызг, кӕцы кусы таксийы службӕйы. Уымӕн ӕхсӕз мӕймӕ фӕзынд йӕхи табугӕнджытӕ – кӕд нӕлгоймӕгтӕ фӕбылысчъилтӕ кӕнынц сылгоймаг шофырыл, уӕд ыл сылгоймӕгтӕ та фӕцин кӕнынц.

Бынӕттон стереотиптимӕ чызг тохы бацыд ӕхсӕз мӕйы размӕ. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы хӕрӕндоны хистӕр Цхуырбаты Ирина 45 кары рацыд пенсийы ӕмӕ дарддӕр балӕууыд куыстагур.

"Мӕ зӕнӕджы фыд мын бацамыдта, зӕгъгӕ, хӕдтулгӕ скъӕрын зоныс ӕмӕ дам таксимӕ бацу кусынмӕ. Афтӕ ӕз сдӕн таксийы службӕ "Агат"-ы шофыр "Второй" сидӕнимӕ. Ныййарджытӕ мыл тынг фӕцин кӕнынц, сӕрмагондӕй ӕрдомынц "Второй"-йы ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты сабидон ӕмӕ скъолатӕм ӕрвитынц мӕнӕн. Уый тынг ӕхсызгон у мӕнӕн. Ӕз нымайын, Хуссар Иры ӕнӕмӕг кӕй хъӕуы бейби-такси", - радзырдта чызг-таксист.

Ирина нымайы, Цхинвалы ӕнӕмӕг кӕй у бейби-таксийы службӕ, фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цъус ис кусджытӕ, нӕ фаг кӕнынц.

Пайдаджын куыст: Хуссар Иры иунӕг чызг-таксист йӕ ног профессийы тыххӕй

Уый ма банысан кодта, шофырӕй куыст кӕй у зын, фӕлӕ пайдаджын.

"Афтӕ нымад цӕуы ӕмӕ Уӕрӕсейаг базӕйы стыр мызд ис, фӕлӕ мӕнӕн таксийы куыст къаддӕр пайда нӕ хӕссы. Фӕллайгӕ дӕр тынг кӕнын ӕцӕг. Райсом авд сахатыл райдайӕм кусын, бон сӕдӕгай адресмӕ бацӕуын", - бафтыдта сылгоймаг.

Иринайӕн ис стыр чызг ӕмӕ лӕппу, уыдон фыццаг сӕ мады ног куыст ӕфхӕрдтой, фӕлӕ йыл ныр сразы сты. 

Цхуырбаты Ирина схъомыл ис Азербайджаны. Уым каст фӕцис астӕуккаг скъола. 1991 азы хӕццӕ рӕстӕджы бинонтӕ раздӕхтысты сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕмӕ фыццаг рады ӕрбынат кодтой сӕ райгуырӕн хъӕу Цъорбисы. Уый фӕстӕ сӕ исад ныууӕй кодтой ӕмӕ балхӕдтой фатер Цхинвалы. Афтӕ райдыдта чызг йӕ цард Хуссар Ирыстоны. Бацыд ХИПУ- мӕ ахуырмӕ, ссардта йӕ амонд.

"Фыццаг мын тынг зын уыд. Нӕ мын уыд хӕлӕрттӕ. Стӕй смой кодтон, райгуырд чызг, фырт. Стӕй уыд дзулфыцӕн фадыджы куыст, хисӕрмагонд бизнес, ӕфсӕддон базӕ ӕмӕ ныр та мӕ уарзон шофырыл куыст", - радзырдта уый.

Пайдаджын куыст: Хуссар Иры иунӕг чызг-таксист йӕ ног профессийы тыххӕй

Ныридӕгӕн Цхуырбаты Ирина республикӕйы ӕгас территорийыл зилдух кӕны йӕ ӕвзист хуыз чысыл "Тойота"-йыл ӕмӕ ӕдасӕй хӕццӕ кӕны бӕлццӕтты сӕ бынӕттӕм.