Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуан Цхинвалы бакӕндзӕн сӕрдыгон лагерь

Лагерь райсдзӕн улӕфджыты дыууӕ къорды - иумӕйагахуырадон скъолаты 1-7 кълӕсты ахуыргӕнинӕгты. Иу сменӕ ахӕсдзӕн 10 боны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны (ССГ) бындурыл къуырисӕры бакӕндзысты сӕрдыгон лагерь "Фидӕн", фехъусын кодта Sputnik галуаны директоры хӕдивӕг Ӕрсойты Зӕринӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, лагерь райсдзӕн улӕфджыты дыууӕ къорды - иумӕйагахуырадон скъолаты 1-7 кълӕсты ахуыргӕнинӕгты. Иу сменӕ ахӕсдзӕн 10 кусӕгон боны, улӕфтытӕ нӕ нымайгӕйӕ. Сывӕллӕттӕ уыдзысты лагеры 9.00 сахатӕй 18.00 онг.

"Фыццаг къорд фӕнд кӕнӕм райсын 31 майы, дыккаг та - 7 июны. Лагеры сӕйраг принцип - ӕнтысты педагогикӕ. Ахуыртӕ иууылдӕр цӕудзысты хъӕзтыты ӕмӕ хиирхӕфсӕн хуызы. Алы сывӕллон дӕр-иу алы бон дӕд суызӕн хуыздӕр кӕцыдӕр къабазы - хуыздӕр зарӕггӕнӕг, хуыздӕр нывгӕнӕг, хуыздӕр математик", - загъта Ӕрсойты Зӕринӕ.

Организатортӕ ныфс ӕвӕрынц цымыдисон нывӕзтӕй - сабитӕ кӕндзысты алыгъуызон къордон архӕйдтытӕ. Хӕрд сын уыдзӕн бон дыууӕ хатты. Сывӕллоны лагерьмӕ ныффыссыны тыххӕй хъӕуы бацӕуын Галуанмӕ.

ССГ ма бафтыдтой, лагерь кӕй уыдзӕн фидгӕйӕ.