Иумӕйаг скъуыддзаг: Санахъоты Дауыт парти "Ныхас"-ӕй рахызты тыххӕй

Санахъоты Дауыт парламентмӕ бахыст парти "Ныхас"-ы республикон номхыгъды фыццаг номыры бын. Фӕстӕдӕр уый партийыл къухдариуӕгад адӕтта ныры лидер Гаглойты Аланмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 май – Sputnik, Козаты Диана. "Ныхас"-ы раздӕры раздзог майрӕмбоны фехъусын кодта партийы рӕнхъытӕй йӕ рахызты тыххӕй. Уый партийы сӕргъ слӕууыд 2019 азы Хуссар Ирыстоны парламентон ӕвзӕрстыты размӕ.

Йӕ рахызт "Ныхас"-ӕй депутат схуыдта скъуыддзаг, кӕцы райстӕуыд йӕ раздӕры иупартионтимӕ иумӕ ӕмӕ банысан кодта, бӕрӕг быцӕудзинӕдты тыххӕй уый кӕй нал уыны йӕхи партийы сконды.

Хуссар Иры парламент не сразы ацух кӕнын дыууӕ депутаты нӕфӕцагайгӕдзинадӕй

"Мах иумӕ архайдтам Хуссар Ирыстоны хӕрзӕбон ӕмӕ райрӕзтыл. Бӕрзонд ӕмвӕзадыл ауагътам ӕвдӕм ӕрсидты парламентмӕ ӕвзӕрстон кампани. Нӕ позицитӕ, хицауады ӕндӕвдадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, алыхатт дӕр уыдысты принципиалон ӕмӕ рӕстаг. Уый тыххӕй ӕз стыр бузныг дӕн ме 'мтохгӕнджытӕй", - загъта Sputnik Санахъоты Дауыт.

Уый банысан кодта, кӕй адарддӕр кӕндзӕн парламенты депутаты хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Парламентон фракци "Ныхас"-ы уӕнгӕй ма баззайдзӕн ӕви нӕ, уый фӕдыл скъуыддзаг нырма ист не рцыд.

Санахъоты Дауыты цӕст бауарзта партийӕн ӕнтыстытӕ йӕ дарддӕры куысты ӕмӕ бахахх кодта, йӕ рахыст кӕй нӕ бандавдзӕн йӕ хъарм ахасытыл раздӕры иупартионтимӕ.