Цхинвалы бирӕуӕладзыгон хӕдзармӕ бабырыд калм

Калм сбырыд Мамсырайы фырты уынджы ӕртыккаг бирӕуӕладзыгон хӕдзары дыккаг уӕладзыгмӕ ӕмӕ тасы ныппӕрста цӕрджыты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 май – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссары Ирыстоны столицӕйы бирӕуӕладзыгон хӕдзармӕ бабырыд лӕсӕг, фехъусын кодтой Sputnik УУМ радгӕсон службӕйы.

Цхинвалы бирӕуӕладзыгон хӕдзармӕ бабырыд калм

Калм сбырыд Мамсырайы фырты уынджы ӕртыккаг бирӕуӕладзыгон хӕдзары дыккаг уӕладзыгмӕ ӕмӕ тасы ныппӕрста цӕрджыты.

"Цыппӕрӕмы нӕм сихорафон фӕдзырдтой. Калм хуыссыд дыккаг уӕладзыджы асиныл. Тар хуыз. Бакастӕй йӕ дӕргъ уыд метр ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц", - загътой уагдоны.

Сӕ хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй калм тӕссаг нӕ уыд.

Корпусы цӕрӕг Плиты Валентинайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕй размӕ хӕдзары раз кӕрты кӕрдӕг ныккарстой ӕмӕ йӕ ӕвӕццӕгӕн бахъыгдардтой ӕмӕ уый тыххӕй бабырыд хӕдзармӕ.

"Ныр хӕдзармӕ бахизын нал уӕндӕм. Стӕй дзы рухс дӕр нӕй", - загъта уый.

Зыдгонд биолог Габайты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый хъӕстӕ калм нӕ уыд.

"Йе 'ддаг бакастмӕ гӕсгӕ уый у медянка, хъӕстӕ нӕу, фӕлӕ лӕбургӕ ӕмӕ хӕцгӕ кӕны хъӕстӕйӕ тынгдӕр", - загъта биолог.