Дзиццойты Юрий куыд бамбарын кодта, уымӕ гӕсгӕ ирӕттӕм мифтӕ ӕрхӕццӕ сты адӕмон сфӕлдыстады хуызы. Уыцы сфӕлдыстад уыд кӕддӕр адӕймагадӕн йӕ хъуыдыкӕнынады фӕрӕзтӕй сӕ иу.
"Ирон адӕмы рагфыдӕлтӕ дӕр уыцы этапыл рацыдысты. Рагон ирон мифтӕ, ома рагон ирайнаг, арийаг, рагон инодоевропӕйаг мифтӕ сӕ фӕд ныууагътой фольклоры: ирон аргъӕутты, ӕмбисӕндты, уыциу-уыциты, зарджыты, фӕлӕ ӕппӕты фылдӕр сӕ фӕд ныууагътой Нарты кадджыты, - бафиппайдта Юрий Альберты фырт.
Лӕмбынӕгдӕр хъусут видеоӕрмӕджы.