Дзӕуджыхъӕуы нӕлгоймаг йӕхи аппӕрста хидӕй Теркмӕ

Ӕнамонд хабар ӕрцыд уазӕгдон "Дзӕуджыхъӕу"-ы цур, уырдӕм уайтагъд бацыдысты ирвӕзынгӕнджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы нӕлгоймаг йӕхи аппӕрста хидӕй теркмӕ, хъусын кӕны 15 регион Цӕгат Ирыстоны УУМ пресс-службӕйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Ӕнамонд хабар ӕрцыд уазӕгдон "Дзӕуджыхъӕу"-ы цур. УУМ фехъусын кодтой, цауы тыххӕй сӕм кӕй фехъусын кодтой дыццӕджы райсом фондз сахатыл.

"Уырдӕм уайтагъд бацыдысты ирвӕзынгӕнджытӕ. Нӕлгоймаджы мӕрдон буар ссардӕуыд Олег Кошевойы уынгыл хиды цур ӕмӕ йӕ радтой барадхъахъхъӕнӕг органтӕм", - дзырдӕуы хъусинаджы.

УУМ пресс-службӕйы ма банысан кодтой, ныртӕккӕ кӕй бӕрӕг кӕнынц фӕмардуӕвӕджы ном ӕмӕ мыггаг.