Бӕрзонддӕр ӕмвӕзадыл куыст: Цхинвалы ацыд "Дон Жуан"-ы премьерæ

Спектакль рацыд ӕнахуыр - кӕсджыты ивгъуыд дугмӕ ахастой дарӕс, декорацитӕ, тар рухсытӕ. Ӕрхонгӕ режиссер Джелиты Хъазыбеджы "Дон Жуан"-ы миддунейы ӕгас спектаклы рӕстӕджы цӕуы тох ӕппӕрццӕг ӕмӕ æвæрццаг миниуджытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценӕйыл ацыд спектакль "Дон Жуан"-ы премьерон равдыст.

Спектакль рацыд ӕнахуыр - кӕсджыты ивгъуыд дугмӕ ахастой дарӕс, декорацитӕ, тар рухсытӕ. Ӕрхонгӕ режиссер Джелиты Хъазыбеджы "Дон Жуан"-ы миддунейы ӕгас спектаклы рӕстӕджы цӕуы тох ӕппӕрццӕг ӕмӕ æвæрццаг миниуджытӕн

Режиссер сценӕмӕ ракодта актёрты ӕвзонг фӕлтӕры, сӕ нымӕцы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты актерон хайады студенттӕ.

"Абон уыд ӕндӕрхуызон равдыст, бӕрзонддӕр ӕмвӕзадыл бакуыстой сценӕйыл. Нӕ зонын, кӕмӕ ӕрхӕссон фауинаг, иуӕй иннӕ уыд хуыздӕр", - загъта театрдзау Валентина.

Театры кусӕг Зӕгъойты Рада банысан кодта, зӕгъгӕ, спектаклы фидынц ссис Сганарель (Гаглойты Эдуард).

Бӕрзонддӕр ӕмвӕзадыл куыст: Цхинвалы ацыд "Дон Жуан"-ы премьерæ

"Бандӕвтой мыл режиссура, сценографи, музыкӕ, актёрон ансамбль иумӕйагӕй ӕмӕ хицӕн актерты хъазт. Браво режиссерӕн, ныфс мӕ ис, ноджы ма йын йӕ куыстытӕ кӕй фендзыстӕм нӕ сценӕйыл", - ныффыста уый йӕ фарсыл Facebook.

Театр ӕрӕмбырд кодта ӕххӕст зал, спектаклы фӕуды кӕсджыты къухӕмдзӕгъдӕн ӕрлӕууӕн нал уыд - уымӕй театрдзаутӕ стыр бузныг дзырдтой сфӕлдыстадон къордӕн.

Бӕрзонддӕр ӕмвӕзадыл куыст: Цхинвалы ацыд "Дон Жуан"-ы премьерæ