Хуссар Иры коронавирусӕй прививкӕтӕ сарӕзтой 129 адӕймаджы

Уӕрӕсейаг вакцинӕ "Спутник V"-ы парти "дыууӕ мин дозӕйы" ӕрластой республикӕмӕ апрелы кӕрӕтты, уый фӕстӕ райдыдта вакцинацийы кампани
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 июн – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг вакцинӕ "Спутник V"-ӕй прививкӕтӕ сарӕзтой 129 адӕймаджы, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг терапевт Санахъоты Тамара. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, вакцинацийы райдайӕнӕй антителаты фӕдыл туг радтой 587 адӕймаджы, уыдонӕй 153-йӕн не сбӕрӕг кодтой антителатӕ.

Sputnik "Спутник"-ӕй нӕ тӕрсы: агентады фыццаг кусӕг сарӕзта прививкӕ коронавирусӕй

Санахъоты Тамара банысан кодта, вакцинӕйы дыккаг компонентӕй прививкӕ кӕй сарӕзтой 13 адӕймаджы. Ӕмӕ ӕрвылбон сӕ нымӕцы фылдӕр кӕны.

"Ӕхсӕнады коллективон иммунитеты тыххӕй нырма раджы у дзурын, хъӕуы басгарын бирӕ адӕмы. Фӕлӕ нӕ уый фӕдыл ныфс ис абоны бӕррӕггӕнӕнтыл ӕнцойгӕнгӕйӕ", - загъта уый.

Санахъоты Тамара бахахх кодта, 129 адӕймагӕй, кӕцытӕ сарӕзтой прививкӕтӕ, фондз адӕймаджы хъаст кодтой се ‘нӕниздзинады уавӕрӕй иу-дыууӕ боны дӕргъы.

Санахъоты Тамарайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, медицинон кусджытӕ ӕрвыл суткӕ сӕ хъус дарынц прививкӕ чи сарӕзта, уыцы адӕммӕ, ӕмӕ алыхатт дӕр цӕттӕ сты дзуапп раттын сӕ фарстытӕн.

"Фыццаг дыууӕ бон сӕм мах ӕнӕмӕнг бадзурӕм. Уый фӕстӕ цӕттӕ стӕм баххуыс кӕнын кӕдфӕндыдӕр", - загъта терапевт.

Афтӕ ма, вакцинацимӕ ӕрбаиу сты Хуссар Ирыстоны Знауыры ӕмӕ Дзауы районтӕ. Уӕрӕсейаг вакцинӕ "Спутник V"-ы парти "дыууӕ мин дозӕйы" ӕрластой республикӕмӕ апрелы кӕрӕтты, вакцинацийы кампани та райдыдта 3 майы.