Ӕрдӕг тонны: Цхинвайлаг уӕзисӕг Икъаты Сӕрмӕт рамбылдта Европӕйы кубок

Республикӕйы ӕнтыстджындӕр уӕзисджытӕй иу ныр ахызт хистӕр кары категоримӕ, фӕлӕ уым дӕр йӕ уӕлахизӕй нӕ рацух
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинаг, Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусӕг Икъаты Сæрмæт рамбылдта Европæйы Кубок WPC WPA. Спортсмен дыууӕ дисциплинӕйы иумӕ нымадӕй басаста ӕрдӕг тонны бӕрц уӕз, фехъусын кодта Sputnik штангисты тренер Плиты Артур.

Гом ерыстӕ цыдысты майы кӕрон Мӕскуыйы.

"Нӕ хъомылгӕнинаг дыууӕ дисциплинӕйы систа 490 килограммы. Уӕлдай мӕ рахицӕн кӕнын фӕнды, лӕппу ныр кӕй архайы хистӕр кары спортсменты хсӕн, уый тыххӕй дзы уӕлдай райгонд баззадтӕн", -  загъта тренер.

Спортсмен тох кодта 125 килограммы уӕзы.

Икъаты Сæрмæты цӕттӕ кӕнынц тренертӕ Плиты Артур ӕмӕ Габайты Ацӕмӕз.

Спортсмены ахадгӕ ӕныстыты хсӕн сты Европӕ ӕмӕ дунейы чемпионаты уӕлахизтӕ цалдӕр азы фӕд-фӕдыл, у Хуссар Ирыстоны архайгӕ уӕзисджытӕй ӕнтыстджынӕртӕй иу.