Ирон боксер Хуыгаты Алан радзырдта, кӕд рахиздзӕн рингмӕ

Спортсмен сӕрды дӕргъы ӕртӕ хатт рахиздзӕн рингмӕ. Йӕ тохтӕй иу ауадздзӕн Мӕскуыйы Сырх Фӕзуатыл – Гасситы Мурӕты тохы программӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ирон профессионалон боксер Хуыгаты Алан сӕрды дӕргъы ауадздзӕн ӕртӕ тохы, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта спортсмен йӕхӕдӕг.

Хуссар Иры Боксы скъолайы командӕ рамбылдта Санахъоты Геннадийы номарӕн ӕхсӕнадӕмон турнир

"Тох ауадздзӕн 11 июны Мӕскуыйы, уый фӕстӕ Сырх Фӕзуатыл – 22 июлы, цы ран сӕйраг тохы архайдзӕн Гасситы Мурӕт. Афтӕ ма мын уыдзӕн иу тох августы", - загъта Хуыгаты Алан.

Боксеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, тохты хсӕн цъус рӕстӕг кӕй уыдзӕн, уый проблемӕ нӕу.

"Тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц бӕрзонд ӕмвӕзадыл. Ныхмӕлӕуджытӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, тохтӕм цӕттӕ дӕн", - бахахх кодта спортсмен.

Алан архайы 63 килограммы уӕзы категорийы. Боксер ис 20-ӕм бынатыл Уӕрӕсейы Боксы федерацийы рейтингы йӕхи уӕзы категорийы.