Хуссар Иры Ленингоры районы арӕзт цӕуынц хъӕутӕм фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕ

Ленингоры районы разамонӕг Гулиты Владимир банысан кодта, районы цӕрджытӕн арӕзт кӕй цӕудзӕн цӕрынӕн ӕмбӕлон уавӕртӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цалцӕг цӕуынц хъӕууон фӕндӕгтӕ, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службӕйы кусӕг Кокойты Анжела.

Аразджыты хъусдарды бын сты Тыджыты хъӕу, Раздӕхӕн, Уӕллаг Захъхъор, Ларгвис, Делкан ӕмӕ ӕндӕр хъӕутӕм фӕндӕгтӕ.

"Районы ЦКХ кусджытӕ архайынц Тыджыты хъӕу ӕмӕ Раздӕхӕны хсӕн фӕндаг сраст кӕнын ӕмӕ рауӕрӕх кӕнын. Йӕ дӕргъ у 13 км, фӕфӕтӕн ӕй кӕндзысты дыууӕ метры бӕрц", - хъусын кӕны пресс-службӕ районы ЦКХ хистӕры хӕдивӕг Битарты Мамукайы ныхӕстӕ.

Ӕмрӕстӕджы ма ӕмбӕлон уагмӕ кӕнынц районы центрӕй Уӕллаг Захъхъормӕ фӕндаг.

Хуссар Иры Ленингоры районы арӕзт цӕуынц хъӕутӕм фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕ

"Фӕндаг ӕнцонвадат скӕнынӕй дарддӕр ма дзы цалцӕг цӕуы хид дӕр, кӕцы-иу донивылдтӕ рахастой", - дзуры Битарты Мамука.

Сӕрды райдайӕнӕй фӕстӕмӕ  аразджыты хъусдарды бын сты Ленингоры посёлокӕй Ларгвис ӕмӕ Раздӕхӕны 'рдӕм фӕндӕгтӕ.

Ленингоры районы разамонӕг Гулиты Владимир банысан кодта, районы цӕрджытӕн арӕзт кӕй цӕудзӕн цӕрынӕн ӕмбӕлон уавӕртӕ.