Улæфт, бæрæгбонон фæззæг æмæ ма иу равдыст: ПДТ труппæ баулæфдзæн иу мæй

Ацы аз ПДТ банысан кæндзæн йæ равзæрды юбилей, бавдисдзæн геноцидæн нывонд спектакль, фæлæ уал уый агъоммæ ацæудзæн улæфты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр спектакль "Дон Жуан"-ы равдысты фæстæ ацæудзæн иу мæй улæфты, фехъусын кодта Sputnik театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан.

Жан-Батист Мольеры уацмыс "Дон Жуан" Дыгуры сæйраг режиссер Джелиты Хъазбеджы цæстæнгасæй æртыккаг хатт равдисдзысты 8 июны, уый фæстæ труппæ ацæудзæн улæфты.

"Улæфт мæйы рæстæджы адарддæр уыдзæн куыст ирон адæмы 1920 азы геноцидыл таурæгъгæнæг спектаклыл. Ацы къуыри нæм фæуазæг сты специалисттæ, кæцытæ цæттæ кæнынц техникон авналæнтæ – рухс, мыр, сæрмагонд эффекттæ. Спектакль хъуамæ цæттæ уа августы хæстыл 13 азы сæххæсты бонмæ", - загъта уый.
"Сау дуджы фæстаг æвдисæн": 20-ӕм ӕзты геноциды юбилеймӕ Хуссар Иры бацæттæ кодтой пьесæ

Ацы аз Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театрæн у юбилейон, 29 июлы йæ бындурæвæрдыл æххæст кæны 90 азы. Уый цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ нысангонд сты фæззæгмæ.

"Ныридæгæн кусæм юбилейы цытæн нывæзт бацæттæ кæнын æмæ йæ сфидар кæныныл. Гуырахстджын мадзæлттæ ацæудзысты фæззæджы", - балхынцъ кодта Дзудцаты Тамерлан.