Фехстой "фондзыл": Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц АрМИ-2021-мӕ

Дӕлхайады къухдариуӕгад нымайы ӕхстытӕ куыд цӕттӕкӕнынады этап ӕвзарӕн ерыстӕм, кӕцытӕ ацӕудзысты сӕрды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы Батальоны ӕфсӕддонтӕ сӕххӕст кодтой контролон ӕхстытӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ АрМИ-2021-мӕ цӕттӕкӕнынады рӕстӕджы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры ӕрсиддонтӕ бавнӕлдтой службӕмӕ адаптацийы фыццаг этапмӕ

Ӕфсӕддонтӕ хъуамӕ фӕцӕф кодтаиккой алыгъуызон фигурӕтӕ 200-йӕ 500 метры дистанцимӕ.

"Ацы хӕслӕвӕрд ис ӕфсӕддон хъӕзтыты ерысты программӕйы. Хайадисджытӕ иууылдӕр сӕххӕст кодтой ӕхстытӕ штатон хӕцӕнгарзӕй "иттӕг хорз" нысаныл", - банысан кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.

Къорды командӕгӕнӕг банысан кодта фӕлварӕнтӕ, кӕцытӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной ӕфсӕддонтӕ ӕввахс рӕстӕджы, цӕмӕй фӕхуыздӕр кӕной ӕхсыны фӕлтӕрдтӕ.

Дӕлхайады къухдариуӕгад нымайы ӕхстытӕ куыд цӕттӕкӕнынады этап ӕвзарӕн ерыстӕм, кӕцытӕ ацӕудзысты июнь-июлы хъахъхъӕнынадон уагдоны полигоны базӕйыл.