Хуссар Иры ӔХМ сӕргълӕууӕг ӕрдзырдта COVID-19-ы фӕдыл вакцинацийы темптыл

Республикӕйы вакцинаци райдыдта майы райдайӕны. Вакцинайы темптӕ фӕфылдӕр кодтой дыууӕ хатт президент йӕ темптӕ аккагыл куы нӕ банымадта, уый фӕстӕ, банысан кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны коронавирусы ныхмӕ вакцинӕ райстой дыууӕ сӕдӕмӕ ӕввахс адӕймаджы, фехъусын кодта Sputnik пресс-конференцийыл ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕдӕппӕт басгӕрстой авд сӕдӕйӕ фылдӕр адӕймаджы, фӕлӕ сӕ фылдӕрӕн разынд антителатӕ низы фӕстӕ.

"Вакцинаци уагъд цӕуы ӕрвылбон. Президенты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, фылдӕр адӕмӕн аразынц тесттӕ. Авд сӕдӕмӕ ӕввахс адӕймаджы рацыд басгӕрст, уыдонӕй вакцинӕ райстой дыууӕ сӕдӕмӕ ӕввахс", - фехъусын кодта Наниты Солан.

Вакцинӕйы дыккаг компонент райстой ӕртынмӕ ӕввахс адӕймаджы, бафтыдта министр.

Наниты Сослан бахахх кодта, зӕгъгӕ, вакцинӕ чи сарӕзта, уыдонӕй се ‘нӕниздзинады фӕдыл хъаст кӕнынмӕ медиктӕм ничи бацыд.

Хуссар Иры ӔХМ сӕргълӕууӕг ӕрдзырдта COVID-19-ы фӕдыл вакцинацийы темптыл

"Адӕм, кӕцытӕ хъуыды кӕнынц прививкӕ саразыныл, ӕмӕ сӕ хъус дарынц прививкӕ чи сарӕзта, уыдонмӕ, хъуамӕ ӕмбарой, алкӕмӕндӕр кӕй ис хицӕн организм ӕмӕ нӕ хъӕуы кӕсын иннӕты фӕстиуджытӕм", - бахахх кодта министр.

Уӕрӕсейаг вакцинӕ "Спутник V"-ы парти "дыууӕ мин дозӕйы" ӕрластой республикӕмӕ апрелы кӕрӕтты, вакцинацийы кампани та райдыдта 3 майы.